Logo

Швецарийы минӕвары хайадистӕй Гуры «Æрдхорддзинады цӕхӕрадон» байгом ис

21 Хурхæтæны мæй 2016

Гуры муниципалитеты садзӕнты хӕдзарад, Швецарийы минӕвар Гуырдзыстоны -  Лукас Беглингер бабӕрӕг кодта. Дипломат райгонд уыд арӕзт куыстытӕй, кӕцыйы стыр хай уым кусӕг пробационертӕн ис. Минӕвары расидӕнмӕ гӕсгӕ, ацы уӕнгты хайад ист  проекты, социалон интеграцийӕн баххуыс уыдзӕн. Бынатыл афтӕ дӕр уыдысты Шида Картлийы губернаторы администрацийы ӕмӕ Гуры мэрийы бӕрнонтӕ. Мадзалы фӕлгӕтты, байгом ис Гуры культурайы ӕмӕ улӕфӕн цӕхӕрадоны «Æрдхордтты цӕхӕрадон». Ацы акцийы хайад райстой – губернаторы хӕдивӕг Амиран Шавшвишвили ӕмӕ горӕт Гуры мэрийы бӕрнонтӕ. Шавшвишвилийы расидӕнмӕ гӕсгӕ, регионалон администраци йӕ фарсыл хӕцы ахӕм акциты реализацийӕн.