Гуырдзыстоны хицауады инициативайӕ реализгонд цӕуы хицауадон програма «Араз Гуырдзыстоны», кӕцыйы нысан у бӕстӕйы кондады размӕцыд ӕмӕ фарсыл хӕцындзинад, ног кондатты арӕзты къухарӕзт ӕмӕ экспертон потенциалы рӕзт у.
Агрофӕдзӕхсты програмӕ 2014 азы 1-ӕм сентябрӕй скусдзӕн ӕмӕ йӕ нысан у агросекторы фӕдзӕхсты базары размӕцыд, хъӕууон-хӕдзарадон куысты къухарӕзт, снысангонд куысты архайӕг уӕнгты ӕфтиагы баурӕд ӕмӕ рискъыты фӕкъаддӕр
Хъӕууон – хӕдзарадон кооперативты хъӕууон-хӕдзарадон техникайӕ ӕфтонгдзинады програмӕ
Хъӕууон-хӕдзарадон министрады инициативамӕ гӕсгӕ, «Хъӕууон –хӕдзарадон кооперативты хъӕууон-хӕдзарадон техникайӕ ӕфтонгдзинады» хицауадон прорамӕйы фӕлгӕтты хъӕууон-хӕдзарадон кооперативты размӕцыды агенства кооперативты ӕлхӕд Гуырдзыстоны арӕзт хъӕууон-хӕдзарадон техникайы финансирдзинад сыххӕст кӕндзӕн.
Ц – гепатиты ӕнӕфидгӕ хосгӕнӕн хицауадон програмӕ
Ц-гепатиты элиминацийы програмӕ йӕ зӕрдыл дары ӕнӕфидгӕ скрининг – низы иртаст (ацы хӕрзиуӕгӕй Гуырдзыстоны алы ӕмбӕстагӕн у йӕ бон) ӕмӕ Ц-гепатитӕй рынчын пациентты ӕнӕфидгӕ хоскӕнын нырыгкон зынаргъ хостӕй.
Æнӕниздзинады хъахъӕды хицауадон програмӕ
Æнӕниздзинады хъахъӕды хицауадон програмӕ скуыста 2013 азы 28-ӕм февралы. Програмӕйы нысан у, уыцы уӕнгтӕн, кӕцытӕн нӕй ӕнӕниздзинады фӕдзӕхст, сыххӕст кӕна финансон ифтонгдзинад медицинон хӕрзиуӕгы къухарӕзтӕн.
Чысыл зӕххы хицау фермерты уалдзыгон куыстыты баахъаз кӕныны проект
Сӕйраг нысан уыд хъӕуты цӕрӕг фермертӕн ӕмӕ зӕхкусджытӕн хуым бакӕныны процессы ӕххуыс. Програмӕйы фӕлгӕтты, фыццаг этапыл, фермертӕ ӕмӕ зӕхкусджытӕ хицауадӕй ӕнӕфидгӕйӕ райстой хъӕууон-хӕдзарадон инвентарь, програмӕйы фӕлгӕтты уыд арӕзт банкон къам, афтӕ хуынӕг «агрокъам». Æртӕ азон програмӕйы реализацийы фӕстиуӕг, практиконӕй мотивиргонд, ӕнӕкуыстгонд зӕххытӕн хъӕууон-хӕдзарадон нысан ӕрыздӕхт.
Банкон системайы интерес агросекторӕй ӕмӕ уыдоны проектытӕм баиудзинад иуӕй –иу нысаниуӕгджын къахдзӕф у , кӕцы хъӕууон-хӕдзарадон секторы размӕцыдӕн ӕскъуыддзаггӕнӕг роль сыххӕст кӕндзӕн. Ацы рӕстӕгмӕ «Уӕлбарон агро-кредиты проекты» 12 банк ӕмӕ 2 лизингон организаци сты иугонд. Снысангонд проекты реализаци, амалиуӕгдартӕн ӕмӕ фермертӕн ӕнцонвадатон ссис аслам финансон ресурс.
проект йӕ зӕрдыл дары Гуырдзыстоны уӕвӕг хъӕуон-хӕдзарадон зӕххыты ахадӕн пайда кӕнын бирӕ азон культураты амады фӕндагӕй, цӕй фӕстиуӕг ӕрцӕудзӕн реализгонд импортон продукцийӕ баивд ӕмӕ сырӕздзӕн экспорт, фенцой уыдзӕн рацарӕзтгонд амалиуджыты хомӕгӕй ифтонгдзинады фадаттӕ ӕмӕ фӕхуыздӕр уыдзӕн хъӕуы цӕрджыты социалон –экономикон уавӕр.
Хъӕууон –хӕдзарадон продукцийы рацарӕзтгӕнӕг ӕмӕ ӕвӕрӕн амалиуджыты финансирдзинады проект
Гуырдзыстоны хъӕууон-хӕдзарадон продукцийы ног рацарӕзтгӕнӕг ӕмӕ ӕвӕрӕн амалиуджыты финансирдзинад къух аразы хъӕуы цӕрджыты ӕфтиагы рӕзтӕн.
Чайы плантациты реабилитацийы програмӕ
Проекты нысан у Гуырдзыстоны уӕвӕг чайы плантациты потенциалы эффективонӕй пайда кӕнын, бынӕттон чайы (се ӕхсӕн био-чай дӕр) кондады рӕзтыбаахъаз кӕнын, цӕй фӕстӕ дӕр, сӕрмагонд фӕрӕзты уавӕры рӕзт ӕмӕ экспортон потенциалы фӕбӕрзонддзинад сырӕздзӕн. Програмӕйы фӕлгӕтты ис фадат, куыд сӕрмагонд, афтӕ дӕр паддзахадон сӕрмӕмулкы уӕвӕг хъӕддаг чайы сорты плантациты реабилитаци.